Газеты редакцимæ нæ республикæйы цæрджытæй чи йæ рис фæхæссы, чи йæ циндзинад. Нæ иузæрдион газеткæсджытæй иу, Донгæроны цæрæг ДЗИГОЙТЫ Гуля редакцимæ цы арфæйы фыстæг æрбарвыста, уым йæ циндзинады æнкъарæнтæ уæрста æгас Ирыстоныл дæр. Æрæджы йæ æнæниздзинад æнæнхъæлæджы куы фæцудыдта, уæд æрхуыссыд Республикæйы клиникон рынчындоны неврологийы хайады. Рынчын йæ тыхстæй дохтырæн суанг йæ цæстæнгасмæ дæр царды хосау фенхъæлмæ кæсы. Дохтыртæ иууылдæр иухуызæн кæцæй сты, фæлæ се ‘хсæн, арфæйы аккаг чи у, Гиппократы номыл ардбахæрд кадимæ чи æххæст кæны, уыдон нын сæрмагонд ныхасы аккаг сты, хъæуы сын раст аргъ кæнын.
Стыр бузныджы ныхæсты аккаг сты Ног Бæтæхъойыхъæуы цæрджытæ Дзуццаты Руслан æмæ Эльзæ. Цы фырт бахъомыл кодтой, уый царды ссардта йæхи фæндаг æмæ дзы фидар, ныфсджын къахдзæфтæ кæнгæйæ, размæ цæуы.
РЦИ-Аланийы Клиникон рынчындоны тугдадзинты хирургийы хайады сæргълæууæг Дзуццаты Русланы фырт Витали æрыгон дохтыр у. Раст цыма дохтыры дæсныйад йæ мады гуыбынæй рахаста, уыйау у æнтыстджын йæ равзæрст дæсныйады. Операцитæ кæмæн скодта, уыдоны ныхæстæй дзургæйæ, «йæ дыууæ сыгъзæрин къухы» арæхстдзинад дисы æфтауы.